ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 69 адӕймаджы, бон раздӕр хъусын кодтой 73 фӕрынчынуӕвӕджы тыххӕй. Цыппӕрӕмы райсоммӕ республикӕйы фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 2456 адӕймаджы. Уый тыххӕй фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.
- 1116 адæймаджы сты амбулаторон хоскæнынады.
- 113 хос кæнынц республикæйы медицинон уагдæтты.
- 1205 рынчыны сæнæниз сты.
- 22 адӕймаджы амардысты.
Медицинон хъусдард æмæ хиизоляцийы æдæппæт ис республикæйы 1444 цæрæджы. Хъусдардæй (хиизоляци) ист æрцыдысты 5227 адæймаджы.
Знон рабӕрӕг ис, Цӕгат Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжысаты Тамерлан кӕй фӕрынчын ис коронавирусӕй.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 5 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 328 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.