ЦХИНВАЛ, 21 мая - Sputnik. Цхинвалы карджын цӕрӕг бахаудта хӕдтулгӕйы бын фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ) фӕстиуӕгӕн Советон уынг ӕмӕ Джиоты Аланы проспекты алвӕндагыл Хуссар Ирыстоны столицӕйы. Зианбаййафӕджы аластой рынчындонмӕ, фехъусын кодта Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕйы кусӕг Джиоты Алик.
"Toyota Mark II" хӕдтулгӕйы шофыр, Цхинвалы 35-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг, фехӕлдта фӕндагон змӕлды фӕтктӕ ӕмӕ ныццавта фистӕг бӕлццоны. ФТЦ фӕстиуӕгӕн зианбаййафӕджы, Цхинвалы 72-аздзыд цӕрӕджы, аластой республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ", - радзырдта уагдоны минӕвар.
Медикты информацимӕ гӕсгӕ, зианбаййафӕджы уавӕр у рӕстӕмбис, уымӕн ӕххӕст кӕнынц ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕххуыс.
Цауы бынаты кусы Паддзахадон автоинспекцийы оперативон-фӕдагуырды къорд. Бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ.