Цыппар сӕнӕнизуӕвӕджы, нӕй ног рынчынтӕ: COVID-19-ы уавӕр Хуссар Иры

Хуссар Ирыстоны ногӕй не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты, цифрӕтӕ нӕ ивынц ивгъуыд хуыцаубонӕй фӕстӕмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 май - Sputnik. Ноджы цыппар адӕймагӕн коронавирусы диагнозимӕ схос кодтой ӕмӕ сӕ рафыстой медицинон уагдонӕй, загъта Югосетпотребнадзоры комитеты сӕрдарды хӕдивӕг Гаглойты Анна. Уый ма бафтыдта, знон кӕй ауагътой 70 тесты – уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад.

Цхинвалмӕ ӕрыздӕхтысты УУМ курсанттӕ

COVID-19-ӕй фӕстаг цыппар фӕрынчынуӕвӕджы республикӕйы сбӕрӕг кодтой 16 майы. Иумӕйагӕй республикӕйы ауагътой коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл 1071 тесты.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой коронавирусон инфекцийӕ 34 рынчыны, ӕртыццӕджы рынчындонӕй рафыстой дыууӕ пациенты, кӕцытӕн схос кодтой COVID-19-ӕй.

Фӕстаг цыппар боны карантинӕй рахызтысты ӕмбӕстӕгты цалдӕр къорды, сӕ нымӕцы УФ ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕтты курсанттӕ. Медикты хъусдарды бын сты 213 адӕймаджы, уыдонӕй 146 рынчындоны.

Хуссар Ирыстон 6 майы онг ӕнтыстджынӕй тох кодта республикӕмӕ коронавирусон инфекцийы ӕрбахызтимӕ. Марты кӕрӕттӕй ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой адӕмы массон ӕмбырдтыл ӕмӕ автотранспорты змӕлдыл.

Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты хизыныл тобӕ сӕвӕрдтой 5 апрелы ӕмӕ адарддӕр уыдзӕн 31 майы онг, кӕронмӕ ӕхгӕд у республикӕйы арӕн Гуырдзыстонимӕ.