ЦХИНВАЛ, 25 май - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны коронавирусы амӕттӕгтӕ баисты ноджы цыппар адӕймаджы, фӕмардуавджыты иумӕйаг нымӕц у 35. Республикӕйы ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 57 рынчыны, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2702 адӕймагмӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодтой Роспотребнадзоры.
- 1087 адæймаджы сты амбулаторон хоскæнынады.
- 81 хос кæнынц республикæйы медицинон уагдæтты.
- 1499 рынчыны сæнæниз сты.
- 35 адӕймаджы амардысты.
Медицинон хъусдард æмæ хиизоляцийы æдæппæт ис республикæйы 1264 цæрæджы. Хъусдардæй (хиизоляци) ист æрцыдысты 6066 адæймаджы.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 5,4 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 345 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.