УУМ кусджытӕ ссыгъдӕг кодтой трассӕ Цхинвалы районы ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуджытӕй

Ленингоры районмӕ трассӕйыл тыхдымгӕйы фӕстиуӕгӕн бӕлас афӕлдӕхт фӕндагыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 май – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Тӕркъӕвдайы рӕстӕджы тыхдымгӕты фӕстиуӕгӕн Цхинвал – Ленингор трассӕйыл афӕлдӕхт бӕлас, кӕцы бахъыгдӕрдта фӕндагон змӕлд.

УУМ кусджытӕ ссыгъдӕг кодтой трассӕ Цхинвалы районы ӕрдзон бӕллӕхы фӕстиуджытӕй

Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджытӕ ӕрбацыдысты цауы бынатмӕ ӕмӕ ссыгъдӕг кодтой фӕндаг.

"Радгӕсон хайадмӕ бадзырдтой, уый фӕстӕ цауы бынатмӕ уайтагъд ацыдысты ирвӕзынгӕнджытӕ. Бӕлас алыг кодтой ӕмӕ йӕ айстой фӕндагӕй", - банысан кодтой уагдоны радгӕсон хайады.

Ӕрхаугӕ бӕлас аскъуыдта электрондыхы хызӕгтӕ, уый фӕдыл ӕввахс хӕдзӕрттӕ баззадысты ӕнӕ рухсӕй.

Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы радгӕсон хайады банысан кодтой, энергетиктӕ кӕй кусынц проблемӕ аиуварс кӕныныл.