Хуссар Иры коронавирусӕй рынчынты фылдӕр хайы афыстой рынчындонӕй

Ивгъуыд суткӕйы ног фӕрынчынуӕуджыты не сбӕрӕг кодтой, фӕлӕ уӕлӕмхасӕй сгарынц, дохтырты зӕрдӕ цы анализтӕм фехсайдта, уыдон
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 май - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Республикон бирӕпрофилон медцентры инфекцион хайады ис 14 адӕймаджы, кӕцытӕн раздӕр сбӕрӕг кодтой коронавирус. Иннӕты иууылдӕр ныридӕгӕн афыстой, загъта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ивгъуыд суткӕйы ног фӕрынчынуӕуджыты не сбӕрӕг кодтой, фӕлӕ уыдис ахӕм анализтӕ, кӕцытӕм дохтырты зӕрдӕ фехсайдта. Уыдон ныртӕккӕ уӕлӕмхасӕй сгарынц.

"Карантины ӕдӕппӕт ис сӕдӕйӕ фылдӕр адӕймаджы, уыдонӕй 98 сты медицинон уагдӕтты, 35 та - уазӕгдон "Алан"-ы, - загъта сӕйраг санитарон дохтыр.

Хуссар Ирыстоны COVID-19-ӕй фыццаг рынчынтӕ рабӕрӕг сты 6 майы, уӕдӕй фӕстӕмӕ рынчынты нымӕц схызт 37-мӕ.