ПӔК: Гуырдзыстон ӕмӕ Евроцӕдисы минӕвӕрттӕ фехӕлдтой Хуссар Иры арӕны режим

Гуырдзыстон дарддӕр аразы къахдзӕфтӕ, кӕцытӕ ӕркӕнынц ӕндыгъд уавӕрмӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕныл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитет (ПӔК) фехъусын кодта гуырдзиаг полицийы кусджытӕ ӕмӕ Евроцӕдисы цӕстдарды миссийы минӕвӕрттӕ кӕй фехӕлдтой республикӕйы паддзахадон арӕн, афтӕ ма гуырдзиаг фарс нывӕнды саразын блокпосттӕ арӕны хаххыл.

Хуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ иу мӕймӕ ӕрцахстой 40 арӕнхалӕгӕй фылдӕр

ПӔК Арӕнгӕрон службӕйы информацимӕ гӕсгӕ, 2020 азы 21 майы Цхинвалы районы Ксуисы хъӕуы цур Гуырдзыстоны полици ӕмӕ Евроцӕдисы миссийы минӕвӕрттӕ фехӕлдтой республикӕйы арӕн. Иннӕ бон, 22 майы, гуырдзиаг полицийы кусджытӕ фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим Цхинвалы районы Хелчуайы хъӕуы цур ӕмӕ бацыдысты дӕс метры Хуссар Ирыстоны территоримӕ.

"ПӔК сбӕрӕг кодтой, гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ кӕй нывӕндынц саразын цӕстдарӕн посттӕ РХИ ӕмӕ Гуырдзыстоны хсӕн паддзахадон арӕны алыгъуызон хӕйттыл. Ныртӕккӕ гуырдзиаг полици нывӕнды сӕвӕрын йӕ кусджыты Ленингоры районы Дзеглеуы хъӕуы цур, арӕнмӕ хӕстӕг", - дзырдӕуы ПӔК пресс-службӕйы хъусинаджы.

Ахӕм архӕйдтытӕ гӕнӕн ис ӕркӕной конфликты эскалацимӕ, банысан кодтой уагдоны.

ПӔК ма бахахх кодтой, зӕгъгӕ, Евроцӕдисы минӕвӕрттӕ нӕ уромынц Гуырдзыстоны агрессивон политикӕ, фӕлӕ ма сӕхӕдӕг дӕр активон хайад исынц мадзӕлтты паддзахадон арӕныл.