Ӕртӕ ФТЦ ӕмӕ дыууӕ фыдракӕнды: Хуссар Иры МХМ ивгъуыд къуырийы уавӕры тыххӕй

Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг уагдоны фехъусын кодтой республикӕйы криминогенон уавӕры тыххӕй 18-25 майы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд ӕртӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ). Авариты фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфта иу адӕймаг, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Дзæуджыхъæуы нозтджын шофыр ныццавта дыууæ полицæйаджы 

Афтӕ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 184 фӕткхалды. 14 шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй. Уыдоны фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ.

Афтӕ ма республикӕйы сӕххӕст кодтой дыууӕ фыдракӕнды, кӕцытӕ раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ. Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй мидхъуыддӕгты хайады кусджытӕ ӕрцахстой цыппар адӕймаджы, уыдонӕй дыууӕйы тӕрхондон ӕрбаздахта административон бӕрнмӕ.