Ӕрымысыдтӕн футбол: Плиты Зауырбег тренировкӕтӕ ӕмӕ йе ‘фсымӕры уавӕры тыххӕй

Коронавирусы пандеми бахъыгдӕрдта нӕ царды бирӕ фадгуытӕ. Футболист Плиты Зауырбег радзырдта Sputnik йӕ тренировкӕтӕ ӕмӕ COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвӕг ӕфсымӕры уавӕры тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 мая – Sputnik, Коцты Милена. Мӕскуыйаг "Динамо"-йы хъахъхъӕнӕг Плиты Зауырбег радта эксклюзивон комментари Sputnik-ӕн, кӕцыйы радзырдта тренировкӕты тыххӕй, афтӕ ма йе ‘фсымӕр Плиты Константины уавӕры тыххӕй, кӕцы ис карантины Дзӕуджыхъӕуы.

Хуссар Иры коронавирусӕй рынчынты фылдӕр хайы афыстой рынчындонӕй

Плиты Константин, командӕ "Рубин"-ы хъахъхъӕнӕг, фӕрынчын коронавирусӕй 18 майы. Йе ‘фсымӕр Зауырбеджы тест нӕ равдыста вирусы уӕвынад, фӕлӕ йӕ уӕддӕр бакодтой карантины.

"Алцыдӕр у хорз, ныр дӕн командӕйы сконды, ме ‘фсымӕр та нырма ис хиизоляцийы хӕдзары, фӕлӕ йӕхи хорз хаты. Фӕнды мӕ, цӕмӕй футболон сезон тагъддӕр райдайа", - банысан кодта Зауырбег.

Афтӕ ма уый бахахх кодта, кӕй ӕрымысыд футбол ӕмӕ йӕ фӕнды райдайын уадзын ӕххӕст тренировктӕ ӕмӕ хъазын.

Ӕппӕт Европӕйы коронавирусы пандемийы тыххӕй ӕрурӕдтой футболон чемпионаттӕ. Хъӕзтытӕ уагъд цыдысты ӕрмӕстдӕр белорусаг чемионаты, афтӕ ма дыууӕ къуырийы размӕ йӕ архайд сног кодта Германийы чемпионат дӕр.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты 5,4 милуан адӕймагӕй фылдӕр, 344 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.