Уӕлахизы Парад Хуссар Иры ацӕудзӕн Сырх Фӕзуатыл парадимӕ иу бон

Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизыл 75 азы сӕххӕты цытӕн парад Мӕскуыйы ацӕудзӕн 24 июны – уыцы бон цытджын марш ацӕудзӕн Цхинвалы дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 май - Sputnik. Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизыл 75 азы сӕххӕсты цытӕн ӕфсӕддон парад Хуссар Ирыстоны ацӕудзӕн иу бон Мӕскуыйы Сырх фӕзуатыл маршимӕ, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы президенты пресс-секретарь Гасситы Дина.

Хуссар Ирыстоны аргъӕвтой Уӕлахизы парад

Дыццӕджы уӕрӕсейаг президент Владимир Путин фехъусын кодта, Уӕлахизы Парад Сырх Фӕзуатыл кӕй ацӕудзӕн 24 июны, Ӕнӕмӕлгӕ полк та рацӕудзӕн 26 июлы.

Хуссар Иры Ӕнӕмӕлгӕ полчы цыды тыххӕй Гасситы Дина банысан кодта, йӕ ауадзыны датӕ кӕй аскъуыддзаг кӕндзысты июны кӕрӕтты, республикӕйы коронавирусимӕ уавӕр ӕмӕ эпидемиологон уавӕр хынцгӕйӕ.

Апрелы кӕрӕтты президент Бибылты Анатолий Бибилов фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны Уӕлахизы Парад кӕй ахастой фӕстӕдӕрмӕ к4оронавирусы апарахаты тасӕй. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, хъахъхъӕнынады министрад сорганизаци кодта алы ветеранӕн дӕр хисӕрмагонд парад йӕ хӕдзары раз.