Югосетпотребнадзор фехъусын кодта коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл тестты фӕстиуджытӕ

Медиктӕ рафыстой ноджы ӕхсӕз пациенты, инфекцион рынчындоны хоскӕнынады ма сты аст адӕймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног фӕрынчынуӕвджыты, ӕхсӕз пациентӕн схос кодтой ӕмӕ сӕ рафыстой рынчындонӕй, фехъусын кодта ӕртыццӕджы Sputnik Югосетпотребнадзоры комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гаглойты Анна.

"Иу суткӕмӕ ауагътой 36 тесты, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад. Иумӕйагӕй ауагътой 1287 тесты", - банысан кодта Гаглойты Анна.

Рынчындонӕй рафыстой ӕхсӕз адӕймаджы, кӕцытӕн уый размӕ сбӕрӕг кодтой коронавирус, рынчындоны хоскӕнынады баззадысты аст адӕймаджы, загъта Гаглойты Анна.

Хуссар Иры коронавирусӕй рынчынты фылдӕр хайы афыстой рынчындонӕй

Афтӕ ма медикты хъусдарды бын карантины сты 81 адӕймаджы, уыдонӕй 59 – республикӕйы медицинон уагдӕтты, 20 – уазӕгдон "Алан"-ы ӕмӕ дыууӕ адӕймаджы та сты хӕдзӕртты.

Хуссар Ирыстоны COVID-19-ӕй фыццаг фӕрынчынуӕвджытӕ фӕзындысты 6 майы, уӕдӕй фӕстӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 37 рынчыны. Уыцы пациенттӕй иуӕн коронавирусы диагноз не сфидар кодтой.