Хуссар Иры Къуаисайӕ бӕрзонд хӕххон хъӕумӕ аразынц фӕндаг

Къуайса ӕмӕ Ӕхсӕрджыны хъӕу иугӕнӕг фӕндаг цыппар азы дӕргъы цалцӕг не рцыд, уымӕ гӕсгӕ йыл ранӕй-рӕтты ахизӕн нал уыд хӕдтулгӕтыл.
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 май - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны цалцӕг кӕнынц бӕрзонд хӕххон хъӕумӕ фӕндаг. Ӕртӕ километры хӕрзарӕзт фӕндаг сбӕтдзӕн горӕт Къуайса ӕмӕ Ӕхсӕрджыны хъӕу, фехъусын кодта Sputnik Дзауы районы администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана.

"Цалцӕггӕнӕн куыстытӕ уадзы горӕт Къуайсайы ЦКХ. Донцӕуӕнты ӕвӕрд цӕуынц трубӕтӕ, фӕндаджы уӕлцъар ӕмбӕрзынц бынӕттон хуырӕй. Фӕнагарӕзтадон куыстытӕ балхынцъ уыдзысты ӕввахс бонты", - загътой пресс-службӕйы.
Хуссар Иры Къуаисайӕ бӕрзонд хӕххон хъӕумӕ аразынц фӕндаг

Къуайса ӕмӕ Ӕхсӕрджыны хъӕу иугӕнӕг фӕндаг цыппар азы дӕргъы цалцӕг не рцыд, уымӕ гӕсгӕ йыл ранӕй-рӕтты ахизӕн нал уыд хӕдтулгӕтыл.