Хуссар Иры фӕмардуӕвӕг ветеранты бинонтӕн бакӕндзысты финансон ӕххуыс

Хуссар Ирыстоны майы сӕ ахицӕн сты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ӕртӕ ветераны, уыдонӕй дыууӕ амардысты Уӕлахизы боны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауады резервон фондӕй хицӕн ӕрцыдысты ӕхцайы фӕрӕзтӕ, ацы аз цы Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветерантӕ амардысты, уыдон бинонтӕн баххуыс кӕныны нысанӕн.

Хуссар Иры ветерантӕ райстой ӕнахуыр арфӕтӕ

Хуссар Ирыстоны майы сӕ ахицӕн сты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ӕртӕ ветераны – Кокойты Григорий, Джергаты Василий ӕмӕ Арболишвили Александр. Джергаты Василий йӕ 100-азон юбилеймӕ нӕ фӕцард цалдӕр мӕйы. Ноджы ма иу хӕстон архӕйдтыты хайадисӕг Хуссар Ирыстонӕй йӕ цардӕй ахицӕн ис Санкт-Петербурджы, йӕ мӕрдон буар ын фӕстӕдӕр ӕрластой йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ.

"Мах хъынцъым кӕнӕм уыцы адӕмы амӕлӕты тыххӕй, кӕцытӕ хъӕбатырӕй равдыстой сӕхи Стыр Фыдыбӕстон хӕсты быдырты. Стыр хъыгагӕн, азӕй-азмӕ уыдон кӕнынц къаддӕрӕй-къаддӕр. Майы не ‘хсӕнӕй фӕхъуыд ӕртӕ ветераны. Фӕлӕ мах сараздзыстӕм алцыдӕр, цӕмӕй сӕ ном рох макуы уа", - загъта хицауады сӕргълӕууӕг Пухаты Эрик.

 Дзӕнӕттаг ветеранты бинонтӕн ӕххуысы хуызы рахицӕн кӕндзысты фӕйнӕ сӕдӕ мин сомы.