ЦХИНВАЛ, 28 май - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Республикон бирӕпрофилон медицинон центры компьютерон томограф сараздзысты цыппӕрӕмы, загъта хицауады рабадты Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Тотчиты Георгий.
Компьютерон томографы куысты згъуыдтытӕ фӕзынд январы. Ӕхсӕнад, рынчындоны ифтонгад кӕй нӕ кусы ӕмбӕлон уагыл, уый тыххӕй базыдта коронавирусы апарахаты фӕстӕ. Ацы низы диагностикӕйӕн ӕнӕмӕнг хъӕуы КТ.
"Аппараты цалцӕджы куыстытӕ балхынцъ уыдзысты абон. Уый фӕстӕ кусдзысты гемодиализы аппаратыл", - загъта министр.
Хуссар Ирыстоны РБМЦ дохтыр, анестезиолог - реаниматолог Плиты Александр радзырдта Sputnik, ӕртыццӕджы республикӕмӕ кӕй ӕрцыдысты ӕртӕ специалисты ӕхсӕнадӕмон фирмӕйӕ, кӕцытӕ кусынц бӕрзондтехнологион ифтонгадимӕ. Уыдон рахастой, КТ-йӕн цы хъуаг кодта, уыцы деталь.
"Донецкаг фирмӕйы минӕвӕрттӕ, кӕцытӕ сӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт Уӕрӕсейы сӕ хъус дарынц 150 КТ-йы аппаратмӕ, рацыдысты Цхинвалмӕ знон. Уыдон рахастой, цы деталь нӕ фаг кодта КТ-йӕн, уый. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ йӕ абон сцалцӕг кӕндзысты", - загъта Плиты Александр.