ЦХИНВАЛ, 1 июн – Sputnik, Козаты Диана. Столицӕйы прокуратурӕ ауагъта нывӕзтон басгӕрст Цхинвалы администрацийы. Багӕрст хаудта ӕмбӕстӕгтты куырдиӕттӕм ӕркӕсыны фӕткмӕ, фехъусын кодтой Генералон прокуратурӕйы пресс-службӕйы.
Уагдоны банысан кодтой, прокуратурӕйы органтӕ дарддӕр сӕ цӕст кӕй дарынц ӕмбӕстӕгты куырдиӕттӕм ӕркӕсыны фӕткты фӕдыл законад ӕххӕст кӕнынмӕ. Радон басгӕрсты рӕстӕджы прокурортӕ сбӕрӕг кодтой фехӕлдтӕ столицӕйы мэрийы куысты регламенты куырдиӕтты регистраци ӕмӕ ӕркасты рӕстӕджы.
"Басгӕрст фенын кодта, Цхинвалы администрацийы хайадты иууыл арӕхдӕр фехӕлд кӕй у сӕххӕст кӕныны фӕдыл нысӕнтты нӕуӕвын", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Уымӕй дарддӕр, кӕцыдӕр куырдиӕттӕм ӕркаст-иу адаргъ ис мӕйӕ фылдӕр, афтӕмӕй-иу нӕ адарддӕр кодтой законон ӕмгъуыд ӕмӕ-иу нӕ фехъусын кодтой уый тыххӕй ӕмбӕстӕгтӕн.
Басгӕрсты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ ӕххӕстгӕнӕн органы сӕргълӕууӕджы фӕдыл Цхинвалы прокурор бахаста куырдиат фехӕлдтӕ сраст кӕныны тыххӕй. Куырдиат ныридӕгӕн ис мэрийы ӕркастмӕ.