ЦХИНВАЛ, 2 июн — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ноджы дыууӕ адӕймаджы амардысты коронавирусон инфекцийӕ, фӕмардуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 58. Афтӕ ма иу суткӕмӕ республикӕйы коронавирус сбӕрӕг кодтой 50 адӕймагӕн, фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц у 3104 адӕймаджы.
- 853 адæймаджы сты амбулаторон хоскæнынады.
- 130 хос кæнынц республикæйы медицинон уагдæтты.
- 2063 рынчыны сæнæниз сты.
- 58 адӕймаджы амардысты.
Медицинон хъусдард æмæ хиизоляцийы æдæппæт ис республикæйы 987 цæрæджы. Хъусдардæй (хиизоляци) ист æрцыдысты 7083 адæймаджы.
Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕппӕтдунейон организаци 11 марты фехъусын кодта, ног коронавирус COVID-19 кӕй у пандеми. Коронавирусӕй фӕрынчын сты ӕхсӕз милуан адӕймагӕй фылдӕр, 375 мин рынчынӕй фылдӕр амардысты.