Хуссар Иры цӕттӕ кӕнынц Стыр уӕлахизы 75 азы юбилейы цытӕн парадмӕ

Генералон репетицитӕ, цы ран хайад исдзӕн ӕфсӕддон техникӕ, нывӕндынц ауадзын 19 ӕмӕ 20 июны Цхинвалы централон фӕзуатыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕттӕ кӕнынц ӕфсӕддон парадмӕ Стыр Фыдыбӕстон хӕсты уӕлахизыл 75 азы сӕххӕсты цытӕн. Тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты территорийыл Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты генералон штабы хистӕр, инӕлар-майор Виктор Федоровы къухдариуӕгады бын.

"Тренировкӕты, кӕцытӕ уагъд цӕуынц РХИ Гарзджын тыхты генералон штабы хистӕр, инӕлар-майор Виктор Федоровы къухдариуӕгады бын, хайад исынц Хъахъхъӕнынады министрады, МХМ, УУМ ӕмӕ Юстицийы министрады дӕлхайӕдты парадон къордтӕ", - дзырдӕуы республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрады хъусинаджы.

Фыццаг хатт парады хайад райсдзысты хуссарирыстойнаг курсанттӕ, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц уӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуырадон уагдӕтты.

МХМ къордтӕ райдыдтой цӕттӕ кӕнын Уӕлахизы парадмӕ Цхинвалы

Рӕнхъон тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады Гарнизонон медицинон пункты кусджыты хъусдарды бын.

Республикӕйы президент Бибылты Анатолийы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, Стыр Фыдбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75 азы юбилейы цытӕн парад ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны столицӕйы 24 июны Мӕскуыйы Сырх Фӕзуатыл парадимӕ иу бон.

Юбилейон бӕрӕгбонон мадзалмӕ цӕттӕкӕнынад райдайдзӕн 1 июны Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты плацыл. Парадмӕ цӕттӕкӕнынад 8-18 июны адарддӕр кӕндзысты УФ 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы плацыл. Генералон репетицитӕ, цы ран хайад исдзӕн ӕфсӕддон техникӕ, нывӕндынц ауадзын 19 ӕмӕ 20 июны Цхинвалы централон фӕзуатыл.