Сезон байгом: Хуссар Иры райдайдзысты рейдтӕ улӕфӕн бынӕтты

Милици ӕмӕ УУМ кусджытӕ сӕ цӕст дардзысты улӕфджты ӕдасдзинадмӕ ӕмӕ коронавирусы ныхмӕ мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнынмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 3 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны найӕн сезоны баконды тыххӕй райдайдзысты милици ӕмӕ Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) кусджыты иумӕйаг рейдтӕ донбылгӕрӕтты ӕмӕ улӕфӕн бынӕтты.

"Милицийы фадыгонтӕ, Паддзахадон автоинспекци ӕмӕ УУМ кусджытӕ уадздзысты профилактикон ныхас улӕфджытимӕ, хъусын сын кӕндзысты найыны рӕстӕджы ӕдасдзинад ӕмӕ коронавирусы профилактикӕйы фӕдыл мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕныны тыххӕй. Афтӕ ма сын радзурдзысты, кӕй нӕй гӕнӕн гом арт скӕнын хъӕды цур ӕмӕ чъиззи кӕнын ӕрдз", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма рабадты рӕстӕджы мидхъуыддӕгты министр бахӕс кодта хъахъхъӕнын ӕхсӕнадон фӕтк рауагъдон мадзӕлтты рӕстӕджы республикӕйы скъолаты. Фадыгонтӕ ноджы иу хатт фехъусын кӕндзысты кафетӕ ӕмӕ ресторанты хицӕуттӕн, карантинон мадзӕлтты тыххӕй кӕй нӕй гӕнӕн уадзын массон мадзӕлттӕ, ПАИ та фӕтыхджындӕр кӕндзӕн хъусдард ӕдасдзинадмӕ фӕндӕгтыл.

Ахуырадон аз республикӕйы фӕцис 20 майы. Амӕйразмӕ хъусын кодтой, Хуссар Ирыстоны фӕстаг дзӕнгӕрӕг кӕй нывӕндынц ауадзын 17 июны, рауагъдон бал та 18 июны.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фыццаг рынчынты сбӕрӕг кодтой 6 майы, уӕдӕй фӕстӕмӕ вирусӕй фӕрынчын сты 45 адӕймаджы, сӕ фылдӕр хайӕн сын схос кодтой.