Хуссар Иры бӕрзонд хъӕумӕ арӕзт цӕуы фӕндаг 

Дзауы районы цӕрӕн-коммуналон службӕйы кусджытӕ къуырийы ӕмгъуыдмӕ ныфс дӕттынц сцалцӕг ӕмӕ рауӕрӕх кӕнын 1,5 километры дӕргъӕн фӕндаг Сохты хъӕумӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры Дзауы районы Сохты хъӕумӕ цалцӕг цӕуы фӕндаг, кӕцы ӕнӕхъусдард уыд ныр фондз азы бӕрц, фехъусын кодтой Sputnik районы администрацийы пресс-службӕйы.

Районы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ цалцӕг ӕмӕ уӕрӕх кӕнынц 1,5 километры дӕргъӕн фӕндаг.

"Хъӕуы цӕрджытӕ рагӕй тыхсынц фӕндаджы ӕвзӕр уавӕрӕй. Районы разамонӕг Джиоты Андрейимӕ фембӕлды рӕстӕджы цӕрджытӕ дзырдтой бузныджы ныхӕстӕ, кӕй сын бавнӕлдтой сӕ проблемӕ лыг кӕнынмӕ. Фӕндаг арӕзт цӕуы бынӕттон хуырӕй", - загъта районы администрацийы пресс-секретарь Тедеты Лиана.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд боныгъӕд фадат радта, уӕд иу къуыримӕ куыстытӕ ӕххӕстӕй фӕуыдзысты.

Хуссар Иры бӕрзонд хъӕумӕ арӕзт цӕуы фӕндаг 

Администрацийы пресс-секретарь ма куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй Сохты хъӕуы ӕдзух цӕры ӕрмӕст иу хӕдзар, фӕлӕ сӕрдыгон бонты ам сбирӕ вӕййынц улӕфджыты, сӕ фыды уӕзгуытӕм баздӕхынц комӕй рацӕугӕтӕ. Ацы фӕндаг ма кӕны ноджы дыууӕ хъӕумӕ - Быннаг хъӕу ӕмӕ Суары фӕзмӕ. Дыууӕ цӕрӕн пункты дӕр сӕрды вӕййы тынг бирӕ адӕм.