ЦХИНВАЛ, 4 июн – Sputnik. Цæгат Ирыстоны коронавирусы инфекци парахат кæныны рæстæг чи фæллой кæны, уыцы медицинон кусджытæ райдыдтой æхцайы компенсацитæ исын, хъусын кæны 15 регион.
Иу хаттæн фиддонты бæрц у 68 мины 800 сомы
"Фиддонтæ æмбæлынц, инфекци лабораторон уагæй кæмæ раиртæстой, уыдонæн. Уымæй дарддæр, æхца исдзысты, сæрмагондæй коронавирусæй рынчын пациентты чи дзæбæх кодта, уыцы медицинон кусджытæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Хъусинаджы ма нысан æрцыд, медицинон кусæг кæд коронавирусы инфекцийæ амарди, уæд компенсаци бафиддзысты йæ бинонтæн.