Хуссар Иры эпидемиологтæн снысан кодтой уæлæмхас фиддонтæ

Фиддонтæ ма райсдзысты медицинон уагдæтты кусджытæ коронавирусы тыххæй уæлдай тасы зонæйы куысты тыххæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июн – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад снысан кодта Югосетпотребнадзор æмæ "Центр гигиены и эпидемиологии"-йы кусджытæн уæлæмхас фиддонты бæрц. Уыдон фæрæзтæ райсдзысты ахсджиаг куысты тыххæй COVID-19 парахаты фæдыл вазыгджын эпидемиологон уавæр хынцгæйæ.

Уынаффæ рахастæуыд майрæмбоны хицауады рабадты, кæцы ауагъта президент Бибылты Анатолий. Фиддонтæ фидар æрцыдысты 1 апрелæй 30 июньмæ. 

Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 12 рынчыны

Фæрæзтæ райсдзысты медиктӕ, кӕцытӕ ӕххуыс кодтой ӕмбӕстӕгтӕн коронавирусы апарахаты тасы фӕдыл, сӕ нымӕцы кусджытӕ, кӕцытӕ истой биоматериал, ӕххӕст кодтой эвакуаци, уагътой дезинфекцион мадзӕлттӕ, ластой хӕринаг, ӕххӕст кодтой электро ӕмӕ донифтонагады системӕты куыст, афтӕ ма медиктӕ, кӕцытӕ ӕххӕст кодтой медицинон ӕххуыс ӕмӕ сӕ цӕст дардтой карантиныл уӕвӕг ӕмӕ коронавирусӕй фӕрынчынуӕвӕг ӕмбӕстӕгтӕм.

Дохтыртæ райсдзысты мин сомы бон, фæлæ фиддонты гуырахст нæ ахидзæн 30 минæй, астæуккаг æмæ кæстæр медперсонал та фæйнæ 500 сомы.

Дезинфектортæм та æмбæлы 500 сомы бон.

Цæгат Иры райдыдтой дæттын фиддонтæ медиктæн

Цæугæ бригадæ (фæйнæ дыууæ адæймаджы), кæцытæ æххæст кодтой санитарон æмæ эпидемиологион мадзæлттæ коронавирусы апарахат æмæ æрбахызт ма руадзыныл райсдзысты фæйнæ иу мин сомы иу радгæсы тыххæй, фæлæ сæ иумæйаг бæрц хъуамæ ма ахиза 30 мин сомæй.

Ӕндæр кусджытæ (шофыртæ æмæ специалисттæ) уæлæмхас куысты тыххæй райсдзысты фæйнæ 500 сомы бон, иууыл фылдæр мæйы мидæг 10 мины.

Медицинон кусыджытæн фиддонтæ ист æрцæудзысты хицауады фæсауæрцон фондæй.

Хуссар Иры рынчынты нымæц схызт 57-мæ, уыдонæй 31 рафыстой рынчындонæй.