Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 12 рынчыны

Иумӕйагӕй республикӕйы ауагътой иу ӕмӕ ӕрдӕг мин тесты, ивгъуыд суткӕйы уыдонӕй 12 равдыстой вирусы уӕвынад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июн - Sputnik, Козаты Диана. Цыппӕрӕмы цы 30-мӕ ӕввахс тесты ауагътой, уыдонӕй 12 равдыстой вирусы уӕвынад. Коронавирус сбӕрӕг кодтой курсанттӕн, кӕцытӕ ӕрцыдысты Уӕрӕсейӕ, загъта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Цæгат Иры райдыдтой дæттын фиддонтæ медиктæн

Республикӕмӕ 25 майӕ фӕстӕмӕ райдыдтой фӕстӕмӕ здӕхын уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕтты курсанттӕ, афтӕ ма ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ баззадысты фӕсарӕнты Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕхгӕды фӕстӕ.

"Коронавирусӕй ног фӕрынчынуӕвджыты сбӕрӕг кодтой медицинон уагдӕтты, цы ран карантины бакодтой Уӕрӕсейӕ ӕрцӕугӕ курсантты. Инфекци сбӕрӕг кодтой 12 курсантӕн", - банысан кодта Гаглойты Анна.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй фӕрынчын сты 57 адӕймаджы, уыдонӕй 31 пациентӕн схос кодтой ӕмӕ сӕ рафыстой рынчындонӕй.

Медицинон хъусдарды бын сты 239 адӕймаджы, уыдонӕй 158 сты медицинон уагдӕтты.

Хуссар Ирыстонмӕ фӕнды ӕрыздӕхын ӕртӕ сӕдӕмӕ ӕввахс адӕймаджы, кӕцытӕ баззадысты фӕсарӕнты Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕхгӕды фӕстӕ. Афтӕ ма ӕрцӕудзӕн МХМ курсантты радон къорд дӕр. Уыдоны иууылдӕр бакӕндзысты дыууӕкъуырион карантины.