ЦХИНВАЛ, 5 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны специалисттӕ-экологтӕ стыр куыст кӕнынц, цӕмӕй бавӕрой республикӕйы рӕсугъддзинад. Уый тыххӕй дзырдӕуы Бибылты Анатолийы арфӕйы Экологы бон ӕмӕ Ӕрдз хъахъхъӕныны ӕппӕтдунейон боны фӕдыл.
"Уӕлдӕф, цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ хъӕдты сыгъдӕгдзинадимӕ баст у не ‘нӕниздзинад, афтӕ ма фидӕн фӕлтӕрты хӕрзӕбон. Мах хъуамӕ бавӕрӕм ӕрдзы рӕсугъддзинӕдтӕ", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Бибылты Анатолий загъта бузныг экологтӕн цӕсгомджын куыст ӕмӕ хъуыддагмӕ иузӕрдыгдзинады тыххӕй. "Уырны мӕ, иумӕйаг тыхтӕй кӕй бавӕрдзыстӕм нӕ Фыдыбӕстӕйы рӕсугъддзинад", - бахахх кодта президент.
Республикӕйы сӕргълӕууӕджы цӕст бауарзта экологтӕн фидар ӕнӕниздзинад, дарддӕры ӕнтыстытӕ ӕмӕ хӕрзӕбон.