Хуссар Иры ссардтой ӕртӕ адӕймаджы стӕгдартӕ

Республикӕйы цӕрӕг ӕнӕнхъӕлӕджы скъахта стджытӕ хъӕууон хӕдзарадон куыстыты рӕстӕджы. Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бӕрӕг кӕнынц фӕмардуӕвджыты гоймагдзинад
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ссардтой ӕртӕ адӕймаджы стӕгдартӕ Багаты хъӕуы цур, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Мӕрдон буӕрттӕ ссарыны тыххӕй Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайадмӕ фехъусын кодта Тъбеты хъӕуы цӕрӕг, кӕцы сӕ ссардта хъӕууон хӕдзарадон куыстыты рӕстӕджы.

Хуссар Иры ссардтой ӕртӕ адӕймаджы стӕгдартӕ
"Нӕлгоймаг скъахта мӕрдон буӕртты фрагменттӕ. Цауы бынатмӕ ацыдысты МХМ ӕмӕ Генералон прокуратурӕйы фӕдагурӕн-оперативон къордтӕ", - фехъусын кодтой МХМ.

Барадхъахъхъӕнӕг органтӕ бӕрӕг кӕнынц фӕмардуӕвджыты гоймагдзинад, афтӕ ма сӕ амӕлӕты ӕууӕлтӕ.