Робинзоны уӕздан бӕлӕттӕ: куыд цӕры фӕсарӕйнаг маргъ Цхинвалы

Бæлондарæг иу уӕздан маргъ ӕлхӕны 8-15 мин сомӕй, сӕрмагонд хӕринагыл уый ӕрвылмӕй ӕнӕвгъауӕй хардз кӕны йӕ фӕрӕзтӕ ӕмӕ фæнд кæны Хуссар Иры бæлондарджыты цæдис саразын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Ӕфсӕнвӕндаджы уынгыл Мишвелидзе Робинзон бирӕ ӕзты дӕргъы дары уӕздан бӕлӕттӕ. Йӕ маргъдоны уый ӕрцӕрын кӕны ӕрмӕст равзаргӕ бæлоны мыггаг - ирайнаг, персайнаг, узбекистайнаг ӕмӕ бакуйаг. 

Маргъдоны 60 бӕлоны цӕрынц ахӕсты, цъиутӕн сӕрибарӕй тас у сапсанæй ӕмӕ давынӕй. 

Робинзоны уӕздан бӕлӕттӕ: куыд цӕры фӕсарӕйнаг маргъ Цхинвалы

Мишвелидзе Робинзон нӕ уарзы йӕ уӕздан бӕлӕтты ӕндӕр бынӕттон мӕргъимӕ барын - уый сӕ Цхинвалмӕ ӕрхаста Сочийӕ ӕмӕ сӕ хоны чемпионы зӕнӕг.

"Урс-урсид бӕлӕттӕ сты ирайнаг мыггаг, хъулӕттӕ та сты узбекӕгтӕ.  Уыдон балхӕдтон Сочийы, сты рӕсугъддзинад, мыггаг ӕмӕ сыгъдӕг тугӕй чемпионы зӕнӕг. Маргъæн йæ хъулон ӕмӕ цӕсты хуыз иухуызон куыннӕ уа, уӕд сыгъдӕг туджы маргъ нӕу", - радзырдта уый.

Бӕлоны цард ахӕссы 15 азы, уыдонӕн се ʻмбис уый кӕны мыггаг. Робинзоны ныхӕстӕм гӕсгӕ, цъиутӕм хъӕуы ӕппынӕдзух хъусдард.

"Ӕрмӕст сын мӕнӕу æркæнынæй уыдон нæ фæдардзынӕ - иу бӕлоны цъиутӕн нӕй гӕнӕн зӕнӕг кӕнӕн, æрвылаз сӕ хъæуы  вакцинаци. Петоева Гулиййӕ райсын вакцинӕ ӕмӕ сын мӕхӕдӕг саразын судзинтӕ, цӕмӕй сӕ низ ма скуынӕг кӕна. Махмӕ рынчын кӕнынц сальмонеллез ӕмӕ Ньюкаслы низтӕй", - бафтыдта уый.

Робинзоны уӕздан бӕлӕттӕ: куыд цӕры фӕсарӕйнаг маргъ Цхинвалы

Бӕлондарӕг ацы маргъимӕ схӕлар ис скъолайы - уӕд ӕм йе мгарӕй ӕрбахауд иу къай бӕлӕттӕ.

"Уӕды рӕстӕджы республикӕйы разамонӕг Хъуылымбегты Торезы хӕрӕфыртимӕ имуӕ ахуыр кодтам скъолайы. Йӕ фыд уыд цуангӕнӕг ӕмӕ уый хъӕддаг бӕлӕттӕ 'рхаста, уымӕй ӕрбахаудтой мӕнмӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ семӕ фӕхицӕн кӕныны мӕ бон нал ссис. Алы балцӕй дӕр нӕлгоймаг хаста ног мыггаг бӕлон", - мысы уый.

Мишвелидзе Робинзон йӕхи хуызӕн бӕлонуарзджытӕн балӕвар кӕны йӕ мӕргътӕй, йӕхӕдӕг та ӕнхъӕлмӕ кӕсы ног мыггаг  - "Архангельские снегири"-мæ.

"Арӕн сӕхгӕдтой, ӕндӕра мын мӕ хӕлӕрттӕ хъуамӕ ӕрхастаиккой Архангельскаг снегирьтӕ Уӕрӕсæйӕ, æз та сын мæхи цъиутæй балæвар кæнын", - бафтыдта уый. 

Робинзоны уӕздан бӕлӕттӕ: куыд цӕры фӕсарӕйнаг маргъ Цхинвалы

Ныридæгæн Робинзонӕн ис ног нывæзттæ - уый фӕнд кӕны рацаразын ӕмӕ фӕуӕрӕх кӕнын йæ маргъдон æмæ ӕндӕр бæлонуарзджытмæ иумæ саразын цæдис.

"Хъæуы цæдис цæмæй нæ проблемӕтæ имæ скъуыддзаг кæнæм. Стæй цæрджытæй дæр кæй бæлон бахъæуы чындзæхсæвмæ, науæд та аргъуаны фæагурынц бæрæгбæттæм ацы маргъы æмæ нæ фæзонынц кæдæм бахатой. Ам ахъаз фæуаид цæдис", - балхынцъ кодта маргъдарӕг.

Робинзоны уӕздан бӕлӕттӕ: куыд цӕры фӕсарӕйнаг маргъ Цхинвалы