Хуссар Иры фӕзындзӕн цӕрӕгойтӕн ӕххуысы фонд

Активисттӕн нырмӕ бантыст бакӕнын социалон хызӕджы къорд, кӕцыйы сконды ис 533 архайӕджы, афтӕ ма райстой сӕхимӕ дӕсгай куыйтӕ ӕмӕ гӕдыты, кӕцытӕн ссардтой хицӕуттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕзындзӕн цӕрӕгойты ӕххуысы фонд "Хӕдзармӕ фӕндаг". Ӕхсӕнадон организаци цӕттӕ кӕны йӕ гӕххӕтытӕ регистрацимӕ.

Хуссар Иры фӕзындзӕн цӕрӕгойтӕн ӕххуысы фонд

Активисттӕн нырмӕ бантыст бакӕнын социалон хызӕджы къорд, кӕцыйы сконды ис 533 архайӕг, афтӕ ма райстой сӕхимӕ дӕсгай куыйтӕ ӕмӕ гӕдыты, кӕцытӕн ссардтой хицӕуттӕ.

"Активисттӕ ныридӕгӕн сӕ гӕххӕтытӕ радтой регистрацимӕ, цӕмӕй сфидар кӕной цӕрӕгойтӕн ӕххуысы фонд "Хӕдзармӕ фӕндаг". Гӕххӕттытӕ фидар куы рцӕуой, уӕд гӕнӕн уыдзӕн домын зӕххы фадыг аздонӕн",- загъта Sputnik волонтер Габайты Зӕлинӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 10 адӕймаг активонӕй архайынц ӕнӕхицау куыйтӕ ӕмӕ гӕдыты хъысмӕтыл.

Хуссар Иры фӕзындзӕн цӕрӕгойтӕн ӕххуысы фонд

"Фидӕны фонды чызджытӕ ӕнӕхицау къӕбылатӕ ӕмӕ гӕдыйы лӕппынтӕн хӕрын кӕныныц, агурынц сын хицӕуттӕ. Мӕ горӕтгӕрон цӕхӕрадоны ис 7 къӕбылайы" , - бафтыдта уый.