Хуссар Иры иу суткӕмӕ не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты

Стационары хоскӕнынад цӕуынц 36 пациенты коронавирусы диагнозимӕ. 42 адӕймагӕн схос кодтой ӕмӕ сӕ рафыстой рынчындонӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны не сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй ног рынчынты. Фараст тестӕй, кӕцытӕ ауагътой знон, иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад, загъта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Цӕгат Ирыстоны ноджы иу адӕймаг бацис коронавирусы амӕттаг

Знон иу пациенты рафыстой рынчындонӕй, ноджы иуы та систой хыгъдӕй.

"Махмӕ нӕй коронавирусӕй ног рынчынтӕ. Рынчындоны хоскӕнынад цӕуынц 36 адӕймаджы коронавирусы диагнозимӕ", - банысан кодта уый.

Медикты хъусдарды бын карантины сты 253 адӕймаджы.

Иумӕйагӕй республикӕйы ауагътой дыууӕ минмӕ ӕввахс басгӕрсты, пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой COVID-19-ӕй 78 фӕрынчынуӕвӕджы.