Бузныг медиктӕн: Цхинвалы фæзындзæн ног арт-объект

Куыстытӕ ӕххӕст фӕуыдзысты 18 июны, хӕдзары къулыл уыдзӕн дохтыр ирон тырысаимӕ, йӕ уӕлӕ та уӕлфыст "Спасибо за ваш труд"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы къул бынӕттон нывгӕнджытӕ фӕлындынц маскӕйы ӕмӕ сӕрмагонд уӕлӕдарӕсы медикы хуызистӕй. Арт-объект арӕзт цӕуы, коронавирусы пандемиийы рӕстӕджы цы медиктӕ кусынц, уыдонӕн бузныджы нысанӕн, фехъусын кодта Sputnik бирӕпрофилон колледж ӕмӕ нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндоны ахуыргӕнӕг Алан Ефименко.

Нарты Сырдон фæзынд Цхинвалы хиды бын

Куыстытӕ ӕххӕст фӕуыдзысты 18 июны, хӕдзары къулыл уыдзӕн дохтыр ирон тырысаимӕ, йӕ уӕлӕ та уӕлфыст "Спасибо за ваш труд".

"Ныв кӕнӕм фӕсивӕдон организаци "Иугонд Алани"-йы хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ӕмӕ горӕты разамынады разыдзинадӕй. Ӕххуыс мын кӕны Бибылты Ирина. Дыууæ бонмæ уыдзæн цæттæ", - загъта нывгӕнӕг.

Граффити арӕзт цӕуы Вокзалгӕрон уынгыл уӕвӕг хӕдзары сисыл, Хъайтарты уынджы алвæндагмæ хæстæг. Медикы нывы бынаты 2017 азы уыд дохтыр, хирург Зӕгъойты Николайы хуызист, уый фӕстӕ йӕ айстой.

Бузныг медиктӕн: Цхинвалы фæзындзæн ног арт-объект