Цхинвалы сӕмбӕлдысты дыууӕ рог хӕдтулгӕйы: шофыр бахъыгдард ис

Авари ӕрцыд къуырисӕры изӕры столицӕйы уынгтӕй иуы алвӕндагыл. Дыууӕ хӕдтулгӕйы сӕмбӕлды фӕстиуӕгӕн шофыртӕй иуы аластой рынчындонмӕ буары цӕфтимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 июн - Sputnik. Дыууӕ рог хӕдтулгӕйы сӕмбӕлдысты Хуссар Ирыстоны столицӕйы Джиоты Аланы проспект ӕмӕ Советон уынджы алвӕндагыл, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Фӕндагон-транспортон цау ӕрцыд знон 19.45 сахатыл. Джиоты Аланы проспект ӕмӕ Советон уынджы алвӕндагыл сӕмбӕлдысты "Лада Приора" ӕмӕ "Лада Калина" хӕдтулгӕтӕ. Цауы фӕстиуӕгӕн республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ аластой "Лада Калина"-йы 68-аздзыд шофыры ӕмӕ йӕ дыууӕ пассажиры – сылгоймаджы 12-аздзыд сывӕллонимӕ", - радзырдта МХМ пресс-службӕйы хистӕр Бестауты Вида.

Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, шофыр райста буары цӕфтӕ, сылгоймаг сывӕллонимӕ нӕ бахъыгдард сты.