Цхинвалы цӕрӕг Леуахийы былыл сарӕзта улӕфӕн къуым

Улӕфӕн къуым арӕзт ӕрцыд Леуахийы былгӕрон, Хъӕдын хӕдзарады комбинатмӕ хӕстӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 июн - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгаттаг фарс Леуахийы былгӕрон Цхинвалы цӕрӕг Къӕбулты Ӕхсар йӕхи фӕрӕзтӕй сарӕзта улӕфӕн къуым.

Ацы зӕххы фадыджы хъавыдысты дурсӕттӕн саразын, фӕлӕ йӕ уӕд районы цӕрджытӕ нӕ бауагътой.

Цхинвалы цӕрӕг Леуахийы былыл сарӕзта улӕфӕн къуым

"Дунейы алы ран дӕр цӕугӕ доны был нымад цӕуы иууыл хуыздӕр бынатыл. Ам раздӕр дурсӕттӕн хъавыдысты саразын, иу рӕстӕг дзы калдтой бырон. 2007 азы райдыдтон ӕфснайын, фӕластон йӕм хуыр, сраст кодтам зӕхх, фӕкастысты нӕм рынчындоны цы аразджытӕ куыстой, уыдон техникӕйӕ. Сабидӕттӕй зӕронд ӕфсӕн ӕрмӕг ӕмбырд кодтой ӕмӕ дзы скодтам хиирхӕфсӕн фӕзуат", - загъта Sputnik Къӕбулты Ӕхсар.

Нӕлгоймаг бацӕттӕ кодта улӕфӕн зонӕйӕн йӕ дарддӕры хӕрзарӕзты проект дӕр, уый дзы бӕллы саразын дзӕнӕттаг къуымы.

Цхинвалы цӕрӕг Леуахийы былыл сарӕзта улӕфӕн къуым

"Бацӕттӕ кодтон улӕфӕн зонӕйы дарддӕры хӕрзарӕзты проект, горӕты алы районы дӕр сарӕзтой хӕрзарӕзт къуымтӕ, кӕд мах рӕстӕг дӕр 'рцӕуид. Уӕдмӕ уал нӕхӕдӕг Леуахийы дыууӕ фарс срӕсугъд кодтам, Хеиты рдыгӕй ныссагътам бӕлӕттӕ дӕр",- бафтыд уый.

Улӕфӕн къуым арӕзт ӕрцыд Леуахийы былгӕрон, Хъӕдын хӕдзарады комбинатмӕ хӕстӕг.