Хуссар Иры Ерцъойы цады фӕдӕлдон ис ӕвзонг нӕлгоймаг

Фӕмардуӕвӕджы мӕрдон буар цадӕй систой УУМ кусджытӕ, кӕцытӕм фӕдзырдтой ӕнамонд цауы ӕвдисӕнтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Ерцъойы цады найыны рӕстӕджы фӕдӕлдон ис нӕлгоймаг, фехъусын кодтой Sputnik УУМ пресс-службӕйы.

Ирвӕзынгӕнӕг уагдоны радгӕсон службӕмӕ фӕдзырдтой дыццӕджы, 19:53 сахатыл.

"Дзауы районы Ерцъойы хъӕуы 1973 азы гуырд цӕрӕг бахызт цадмӕ ӕмӕ йын ӕддӕмӕ раленк кӕнын нӕ бантыст. Ӕвдисӕнты ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕм уайтагъд бацыдысты ӕххуысмӕ, фӕлӕ йӕ не 'ссардтой. Цауы бынатмӕ фӕсидтысты УУМ-мӕ", - загъта уагдоны пресс-секретарь Тедеты Роза.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ кусджытӕ уайтагьд ацыдысты цауы бынатмӕ ӕмӕ талынгмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ ссардтой нӕлгоймаджы буар.