ЦХИНВАЛ, 17 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны коронавирус бахӕцыд ноджы ӕртӕ курсант ӕмӕ иу ӕфсӕддоныл. Ӕртыццӕджы райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 38 адӕймаджы хоскӕнынад цӕуынц республикон бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион хайады, загъта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.
Республикӕйы коронавирусы пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ сбӕрӕг кодтой 81 фӕрынчынуӕвӕджы. Арӕнӕвӕрдон мадзӕлтты руаджы инфекци нӕ рахызт медицинон уагдӕттӕй.
"Знон сбӕрӕг кодтой цыппар ног рынчыны. Вирус сбӕрӕг кодтой уӕрӕсейаг ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕттты ӕртӕ курсантӕн ӕмӕ иу ӕфсӕддонӕн. Ноджы дыууӕйы та рафыстой рынчындонӕй", - загъта Гаглойты Анна.
Инфекцион хайады хоскӕнынад цӕуынц 38 рынчыны, - 35 курсанты, иу медик, иу ӕфсӕддон ӕмӕ иу ӕмбӕстаг, кӕцы ӕрцыд республикӕмӕ ФХМ хаххыл.
Карантины медицинон хъусдарды бын сты 223 адӕймаджы, сӕ нымӕцы УФ–йӕ ӕрцӕугӕ аразджытӕ, кӕцыты фӕхуыдтой Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты объекттӕм кусынмӕ.