Аразджытӕ сног кӕндзысты сӕ куыстытӕ Уанат-Цхинвал доны хӕтӕлыл

Ацы аз нывӕндынц балхынцъ кӕнын доны хӕтӕл Уанат-Цхинвалы арӕзтады дыккаг этап, кӕцы ратдзӕн республикӕйы столицӕйӕн нуазыны доны уӕлӕмхасӕн 15 мин кубометры иу суткӕмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 июн - Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Арӕзтадон компани "Спецтепломонтаж-ЮГ" сног кодта йӕ куыстытӕ Уанаты доны хӕтӕлыл, кӕцы арӕзт цӕуы Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы арӕзтад, архитектурӕ ӕмӕ ЦКХ министрады.

Хуссар Ирмӕ ӕрцыдысты арӕзтады специалисттӕ Уӕрӕсейӕ

Фарон аз ацы фирмӕ фӕцис 16 километры дӕргъӕн магистралон доны хӕтӕл ӕмӕ дыууӕ резервуары арӕзтад Присы хъӕуы, кӕцыты иумӕйаг бӕрцуат у авд мин кубометры.

"Ацы аз арӕзтадон фирмӕ хъуамӕ ауадза доны хӕтӕлы сӕйраг бӕстыхайы цалцӕг кӕныны куыстытӕ, сӕвӕра дренажон системӕ, афтӕ ма балхӕной ифтонггарз", - загъта Арӕзтады министрады.

Куыстытӕм хъуамӕ бавнӕлдтаиккой уалдзӕджы, фӕлӕ сӕ аргъӕвтой коронавирусы фӕдыл карантинон мадзӕлтты тыххӕй.

Цхинвал донæй ифтонг цæуы доны хæтæл Едыс–Цхинвалæй. Ацы магистралон хахмæ дон цæуы цыппар къалиуæй, уыдонæй дыууæ — Дзомагъ æмæ Брытъат — сты гом. Баиу сæ кæнынц зымæгон рæстæг, цъититæ куы ныссæлынц æмæ зæххы бын уый бæрц куы нал вæййы дон. Фæлæ уалдзæджы донивылдты рæстæджы уыдон сызмæнтынц æмæ сæ бахъæуы ахицæн кæнын.

Ӕмгъуыдмӕ гӕсгӕ, Уанаты доны хӕтӕлы арӕзтады дыккаг этап хъуамӕ балхынцъ кӕной ацы азы кӕрӕттӕм. Уый фадат ратдзӕн, цӕмӕй йӕ ӕххӕст гуырахстӕй скусын кӕной фидӕн аз. Доны хӕтӕл ныридӕгӕн баиу кодтой горӕты хызӕгмӕ, фӕлӕ нырма кусы йӕ фадӕтты минимумыл.