Ирӕтты геноциды амӕттӕгты Мысӕн бон банысан кӕндзысты 20 июны - 13 ирон коммунары гуырдзиаг ӕфхӕрджытӕ куы фехстой, уыцы цауы афӕдзы бон.
Зӕрдылдарӕн датӕ сфидар кӕныны фӕдыл барамынд марты бафыста президент Бибылты Анатолий.
Июны райдайӕны паддзахады сӕргълӕууӕг бафыста ноджы иу барамынд – ирӕтты геноциды амӕттӕгты Мысӕн боны фыдох расидыны фӕдыл.