Курсанттæ æмæ бæхджын къорд: Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад

Парад иста хицауады сӕрдар Пухаты Эрик - паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий хайад исы Мӕскуыйы Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75 азы сӕххӕсты цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Театралон фӕзуатыл Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы парад ацы аз ацыд ивындзинӕдтимӕ - Цхинвалы гарнизоны рацыды датӕ фӕфӕстӕдӕр коронавирусы фӕдыл тобӕйы мадзӕлтты аххосӕй. Уымӕй дарддӕр ма ногдзинадыл банымайӕн ис уый дӕр, ӕмӕ парады кӕй архайдтой Ирыстоны фӕсивӕд, кӕцытӕ сты Уӕрӕсейы ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндӕтты курсанттӕ, се хсӕн чызджыты цалдӕр къорды,  парады рацыд бӕхджын къорд дӕр.

Курсанттæ æмæ бæхджын къорд: Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад

Парад иста хицауады сӕрдар Пухаты Эрик - паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий хайад исы Мӕскуыйы Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75 азы сӕххӕсты цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты.

Трибунамæ хицауады уæнгтæй дарддæр схызтысты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветеран Къусраты Илья æмæ фæсчъылдымы архайæг Уалыты Лидия.

Курсанттæ æмæ бæхджын къорд: Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад

Парад бакодта цытджын караулы ротӕйы къорд, кӕцы рахаста Хуссар Ирыстоны Паддзахадон тырыса ӕмӕ Уӕлахизы тырыса.

Парад уагъд цыд Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты генералон штабы хистӕр, гвардийы инӕлар-майор Виктор Федоровы къухдариуӕгады бын.

Рацыды архайдтой Хъахъхъӕнынады министрад, МХМ, УУМ, Юстицийы министрад ӕмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайӕдты парадон къордтӕ - иумӕйагӕй 25 къорды. Цытжын рацыды архайджыты нымæц зынгæ фылдæр уыд ацы аз курсантты хайадисты тыххӕй.

Курсанттæ æмæ бæхджын къорд: Цхинвалы ацыд Стыр Уæлахизы парад