Абон Уӕрӕсейы Федерацийы сӕйраг горӕты ацыдысты Стыр Фыдыбӕстон хӕсты Уӕлахизы 75-азонг юбилейы цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ. Бӕрӕгбонмӕ хуынд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, афтӕ ма фӕсарӕйнаг бӕстӕты президенттӕ.
Парады фӕстӕ Путин, Бибылты Анатолий ӕмӕ сӕ иннӕ фӕсарӕйнаг коллегӕтӕ дидинтӕ сӕвӕрдтой Ӕбӕрӕг Солдаты Ингӕны цур Ӕнусон артмӕ.