Дзӕуджыхъӕуы ирвӕзынгӕнджытӕ агурынц Терчы ныххауӕг нӕлгоймаджы

Цӕстӕйфенджытӕ ӕнамонд цауы тыххӕй ирвӕзынгӕнджытӕм фехъусын кодтой райсом 7.00 сахатыл, уӕдӕй нырмӕ нӕлгоймаджы агурынц цӕугӕдоны дыууӕ былыл дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 июн — Sputnik. Цӕгатирыстойнаг ирвӕзынгӕнджытӕ агурынц нӕлгоймаджы, кӕцы ныххауд Терчы, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Развӕлгъау информацимӕ гӕсгӕ, нӕлгоймаг цӕугӕдоны ныххауд Горькийы уынгыл хиды цурӕй. Цауы цӕстӕйфенджытӕ бафӕлвӕрдтой фервӕзын кӕнын нӕлгоймаджы, фӕлӕ йӕ уӕдмӕ дон аласта. Уыдон ӕнамонд цауы тыххӕй ирвӕзынгӕнджытӕм фехъусын кодтой райсом 7.00 сахатыл, уӕдӕй нырмӕ нӕлгоймаджы агурынц цӕугӕдоны дыууӕ былыл дӕр.

Ирвӕзынгӕнӕн операцийы хайад исынц Цӕгат Ирыстоны УУМ агурӕн-ирвӕзынгӕнӕн къорды 11 кусӕджы, фӕйнӕ фондз кусӕджы та Специализацигонд зынгфӕдисон-ирвӕзынгӕнӕн часты ӕмӕ республикон службӕтӕй.