Югосетпотребнадзор фехъусын кодта коронавирусы фӕдыл тестты ног фӕстиуджытӕ

Майы райдайӕнӕй республикӕйы COVID-19-ӕй фӕрынчын сты 85 адӕймаджы, уыдонӕй 74 сӕнӕниз сты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 июн - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ рынчындонӕй рафыстой фондз адӕймаджы, кӕцытӕ фӕрынчын сты коронавирусӕй. Инфекцион хайады ис фараст адӕймаджы коронавирусы диагнозимӕ, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Хуссар Ирмӕ ӕрцыдысты уӕлвӕткон уагдоны курсантты фӕстаг къорд

Республикӕйы фӕндзӕм бон нӕ бӕрӕг кӕнынц COVID-19-ӕй фӕрынчынуӕвджыты. Ивгъуыд суткӕйы ауагътой дӕс тесты (иумӕйагӕй 2797), уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад.

"Махмӕ нӕй ног рынчынтӕ. Коронавирусӕй хоскӕнынад цӕуынц фараст адӕймаджы – аст курсанты ӕмӕ иу медицинон кусӕг", - загъта Гаглойты Анна.

Медикты хъусдарды бын карантины сты 101 адӕймаджы. Сӕ нымӕцы республикӕйы 27 ӕмбӕстаджы, кӕцытӕ знон ӕрыздӕхтысты Хуссар Ирыстонмӕ Дзӕуджыхъӕуӕй ФХМ хаххыл. Уыдоны иууылдӕр бакодтой дыууӕкъуырион карантины гуырӕн хӕдзары зӕронд бӕстыхайы.