Хуссар Иры фӕфылдӕр сты кӕцыдӕр дзулты ӕргътӕ

Ацы бонты социалон хызӕгты апарахат ис уагдоны хъусинаг, цы ран 30 июнӕй цалдӕр хуыз дзулы аргъ фӕфылдӕр ис. Социалон дзул фӕстӕмӕ у 18 сомы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы дзулфыцӕн комбинаты продукцийӕ цалдӕр хуыз дзулӕн фӕфылдӕр сты сӕ ӕргътӕ. Ивындзинӕдтӕ баст сты хомӕджы базары ӕргъты змӕлдимӕ, фехъусын кодта Sputnik рауагъдады хистӕр Цхуырбаты Вадим.

Ацы бонты социалон хызӕгты апарахат ис уагдоны хъусинаг, цы ран 30 июнӕй цалдӕр хуыз дзулы аргъ фӕфылдӕр ис. Социалон дзул фӕстӕмӕ у 18 сомы.

"Дыууӕ сомы фӕфылдӕр ис дзулы аргъ, кӕцыйы сконды ис цъойы ссад, уымӕн ӕмӕ йӕ аргъ фӕфылдӕр ис. Ӕртӕ сом та фӕфылдӕр ис торнейы аргъ", - загъта Цхуырбаты Вадим.
Хуссар Иры фӕфылдӕр ис дзулы аргъ

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, социалон дзулы аргъ ис раздӕры ӕмвӕзадыл, йӕ фӕивын ис хицауады бӕрны.

"Зынгӕ фӕфылдӕр сты фӕндагон хӕрдзтӕ ӕмӕ хомӕджы аргъ Уӕрӕсейы базары", - бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны социалон дзулы аргъ фӕстаг хатт фӕфылдӕр ис ивгъуыд аз июлы. Уӕд хицауады уынаффӕмӕ гӕсгӕ, дзулы 16 сомӕй схызт 18-мӕ.