Быдыртӕ ӕмӕ хӕдзар: Хуссар Иры иу къуыримӕ ахуыссын кодтой 20 зынгсирвӕзты

Зынгсирвӕзтты аххосаг ссисты ӕнахуыр тӕвд бонтӕ ӕмӕ ӕмбӕстӕгты уӕлӕнгай ахаст, кӕцытӕ не 'ххӕст кӕнынц ӕдасдзинады домӕнтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ивгъуыд къуырийы дӕргъы Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕрцыд дыууынӕй фылдӕр зынгсирвӕзты, фехъусын кодтой Sputnik республикӕйы УУМ пресс-службӕйы.

Быдыртӕ ӕмӕ хӕдзар: Хуссар Иры иу къуыримӕ ахуыссын кодтой 20 зынгсирвӕзты

Уӕлвӕткон уагдоны банысан кодтой, сынгсирвӕзттӕй иу кӕй ӕрцыд цӕрӕн хӕдзары, аннӕ хаттыты-иу ссыгъд хус кӕрдӕг.

"Хус кӕрдӕг сыгъд алы районы дӕр. Иууыл фылдӕр зынгсирвӕзттӕ ӕрцыд хуыцаубоны. Арцеуы хъӕуы та ссыгъд хисӕрмагонд хӕдзар, цауы бынатмӕ рацыдысты зынгфӕдисонты дыууӕ къорды. Зынг сирвӕзт ӕвиппайды ӕмӕ хӕдзар аирвӕзын кӕнын нӕ бантыст. Цӕрджытӕй ничи бахъыгдард ис. Зынгсирвӕзты аххосӕгтӕ ныртӕккӕ бӕрӕг цӕуынц", - радзырдтой УУМ.

Министрады ма радзырдтой, ивгъуыд хуыцаубоны радгӕсон хайадмӕ кӕй ӕрбацыд тынг бирӕ фӕсидтӕ.

"Столицӕйы микрорайон "Шанхай"-ы ссыгъд хус кӕрдӕг, Ереды хъӕуы дӕр цалдӕр ран уыд зынгсирвӕзттӕ, афтӕ ма сыгъд Цхинвалы цӕгаттаг хайы бырондоны алфӕмблай территоритӕ дӕр", - ранымадтой уагдоны.

Быдыртӕ ӕмӕ хӕдзар: Хуссар Иры иу къуыримӕ ахуыссын кодтой 20 зынгсирвӕзты

Уӕлвӕткон министрады фехъусын кодтой, зынгсирвӕзтты аххосаг кӕй ссисты ӕнахуыр тӕвд бонтӕ ӕмӕ ӕмбӕстӕгты уӕлӕнгай ахаст, кӕцытӕ не 'ххӕст кӕнынц ӕдасдзинады домӕнтӕ.