Хуссар Иры МХМ сгары зынгсирвӕзт хисӕрмагонд хӕдзары Арцеуы

Амӕйразмӕ республикӕйы УУМ фехъусын кодтой, зынгсирвӕзт хӕдзары кӕй ӕрцыд хуыцаубоны, зынгфӕдисонтӕн нӕ бантыст аиуварс кӕныны арт
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 июл - Sputnik. Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайад уадзы фӕдагуырд Арцеуы хъӕуы хисӕрмагонд хӕдзары зынгсирвӕзты фӕдыл, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Быдыртӕ ӕмӕ хӕдзар: Хуссар Иры иу къуыримӕ ахуыссын кодтой 20 зынгсирвӕзты

Зынгсирвӕзты фӕдыл хъусинаг ӕрбацыд хуыцаубоны ӕхсӕвы 12.30 сахатыл. Цауы бынатмӕ ӕрбацыд МХМ фӕдагурӕн-оперативон къорд ӕмӕ Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) къорд. Арт аххӕссыд хӕдзарыл цыбыр рӕстӕгмӕ, дыууӕ зынгфӕдисон къордӕн нӕ бантыст фервӕзын кӕнын хӕдзар – уый ӕнӕхъӕнӕй басыгъд, цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.

"Милицийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой, хъӕуы цӕрджытӕй иу кӕй ссыгъта цардуагон бырон, уый фӕстиуӕгӕн арт аххӕссыд хисӕрмагонд цӕрӕг хӕдзармӕ. Зынгсирвӕзты фӕдыл Цхинвалы районы мидхъуыддӕгты хайад уадзы басгӕрст", - дзырдӕуы МХМ хъусинаджы.

Уагдоны ма ноджы иу хатт ӕрсидтысты цӕрджытӕм, кӕрдӕг ӕмӕ бырон ссудзын кӕй свӕййынц зынгсирвӕзтты аххосӕгтӕ, аххосджынтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы административон кӕнӕ уголовон бӕрндзинад.