Хуссар Иры УУМ ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ауагътой иумӕйаг ахуыртӕ

Ахуырты нысаниуӕг уыд зынгфӕдисон командӕты ӕфсӕддон цӕттӕдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕнын, афтӕ ма сӕрмагонд техникӕйы уавӕртӕ басгарын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацыдысты Уӕлвӕткон уавӕрты министрады ӕмӕ 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы командӕты зынгсирвӕзтон-тактикон ахуыртӕ. Мадзалы рӕстӕджы бакуыстӕуыд ӕфсӕддон хайады зынгсирвӕзтон хъахъхъӕнынады нывӕзтыл, хъусын кӕны республикӕйы УУМ пресс-службӕ.

"Ахуыртӕ уагъд ӕрцыдысты ӕвирхъау цауты рӕстӕджы зынгсирвӕзтон хъахъхъӕнынад сифтонг кӕныны, зынгфӕдисонты ӕфсӕддон цӕттӕдзинад фӕбӕрзонддӕр кӕныны нысанӕн", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Хуссар Иры УУМ ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ауагътой иумӕйаг ахуыртӕ
Мадзалы хайадисджытӕ ахуыссын кодтой ахуырадон зынгсирвӕзт, уымӕй дарддӕр ма басгӕрстой сӕрмагонд техникӕйы уавӕртӕ.