Хуссар Иры коронавирусӕй рынчынтӕ иууылдӕр сӕнӕниз сты

85 адӕймаджы, кӕцытӕн майӕ фӕстӕмӕ рабӕрӕг кодтой инфекци, рафыстой стационарӕй, фехъусын кодтой сӕйраг санитарон уагдоны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 6 июл - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Иры инфекцион рынчындонӕй рафыстой коронавирусӕй фӕстаг рынчыны. Республикӕйы ныртӕккӕ нӕй коронавирусӕй рынчынтӕ, фехъусын кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Цхинвалы бавнӕлдтой хосгӕнӕн центры арӕзтадмӕ

Республикӕйы майӕ фӕстӕмӕ коронавируӕсй фӕрынчын сты 85 адӕймаджы, рынчынты фылдӕр хай уыдысты курсанттӕ Хуссар Ирыстонӕй, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц уӕрӕсейаг ахуыргӕнӕндӕтты.

"Инфекцион хайадӕй рафыстой коронавирусӕй фӕстаг рынчыны. 70 тестӕй, кӕцытӕ мах ауагътам ивгъуыд суткӕйы, иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад. Къуырисӕры райсомы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны COVID-19-ӕй рынчынтӕ нӕй", - загъта Гаглойты Анна.

Дохтырты хъусдарды бын карантины сты 236 адӕймаджы.

Иумӕйагӕй республикӕйы ауагътой дыууӕ мин ӕмӕ ӕрдӕг басгӕрстӕй фылдӕр коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл.