Цæгат Иры хæхты фесæфт къамисæг

Сабанты Валерий хъуамæ схызтаид хъæу Дунтæйæ Цъæйхохы бæрзæндмæ. Хæдзармæ æрыздæхын турист фæнд кодта 6 июлы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 июл — Sputnik. Цæгатирыстойнаг ирвæзынгæнджытæ æрæвнæлдтой дзæуджыхъæуккаг турист - астрофотограф Сабанты Валерийы агурынмæ, кæцы фесæфт республикæйы хæхты. Уый тыххæй хъусын кæны регионалон УУМ.

Цæгат Иры хæхты фесæфт къамисæг

Нæлгоймаг ацыд балцы, æмæ æмбæлон рæстæгмæ не рыздæхт фæстæмæ. Йæ маршрут уый ирвæзынгæнæн къорды не срегистраци кодта.

"Туристы фыд куыд радзырдта, афтæмæй уый фæнд кодта хъæу Дунтæйæ Цъæйхохы бæрзæндмæ схизын. Хæдзармæ хъуамæ æрыздæхтаид 6 июлы", - дзырдæуы УУМ хъусинаджы.

Уагдоны банысан кодтой, агурæн-ирвæзынгæнæн мадзæлттæм Ирæфы районы кæй æрбаиу сты 10 ирвæзынгæнæджы, афтæ ма хъавынс спайда кæнын авиацийæ дæр.