Югосетпотребнадзор фехъусын кодта коронавирусы фӕдыл тестты фӕстиуджытӕ

Хуыцаубоны инфекцион рынчындонӕй рафыстой коронавирусӕй фӕстаг рынчыны, Хуссар Ирыстоны ног рынчынты нӕ бӕрӕг кӕнынц къуырийӕ фылдӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 7 июл - Sputnik, Козаты Диана. Ивгъуыд суткӕйы Югосетпотребнадзоры лабораторийы ауагътой иу сӕдӕ ӕмӕ ӕрдӕгмӕ ӕввахс тесты. Басгӕрсттӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад, загъта уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Хуссар Иры коронавирусӕй рынчынтӕ иууылдӕр сӕнӕниз сты

Хуыцаубоны инфекцион рынчындонӕй рафыстой коронавирусӕй фӕстаг рынчыны, Хуссар Ирыстоны ног рынчынты нӕ бӕрӕг кӕнынц къуырийӕ фылдӕр.

"Ног рынчынтӕ нӕй. Иу суткӕмӕ мах ауагътам 141 тесты, уыдонӕй иу дӕр нӕ равдыста вирусы уӕвынад", - радзырдта Гаглойты Анна.

Медикты хъусдарды бын сты 250 адӕймаджы, кӕцытӕ ӕрцыдысты Уӕрӕсейӕ ӕмӕ сты карантины медицинон уагдӕтты ӕмӕ уазӕгдон "Алан"-ы.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой коронавирусон инфекцийӕ 85 фӕрынчынуӕвӕджы, сарӕзтой 2,7 мин тесты вирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.