Хуссар Иры УУМ сапертӕ скуынӕг кодтой тӕссаг рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ

Тӕссаг снарядты, кӕцытӕ баззадысты республикӕйы территорийыл хӕстон архӕйдтыты фӕстӕ, сӕнӕзианхъом кодта УУМ сгарӕн-ирвӕзынгӕнӕн къорд
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 июл – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) сгарӕн-ирвӕзынгӕнӕн къорды сапертӕ скуынӕг кодтой тӕссаг рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ, фехъусын кодтой Sputnik УУМ пресс-службӕйы.

Хуссар Иры УУМ сапертӕ скуынӕг кодтой тӕссаг рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ

 

Тӕссаг объектты иу хай барвӕндӕй радтой уагдонмӕреспубликӕйы цӕрджытӕ, иннӕ снарядтӕ та байстой ӕмӕ уӕлвӕткон уагдонмӕ радтой барадхъахъхъӕнӕг структурӕтӕ.

"Скуынӕггонд ӕрмӕджыты хсӕн уыд гранатӕтӕ Ф-1, ПГ-7 ӕмӕ СПГ снарядтӕ, нӕмгуытӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕджытӕ", - фехъусын кодтой министрады.
Хуссар Иры рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕй ссыгъдӕг кӕныны куыст уагъд цӕуы ныр цалдӕр азы. Республикӕмӕ ныр цыппар хатты ӕрцыдысты Уӕрӕсейаг центр "Лидер"-ы сапертӕ. Ацы аз хъуамӕ уагъд ӕрцыдаид куыстыты фӕндзӕм этап, фӕлӕ саперты бон нӕ баци ӕрцӕуын коронавирусы апарахаты тасӕй тобӕты тыххӕй.