"Югосетпотребнадзор" самал кодта коронавирус рабæрæг кæныны тесттæ

Ӕппæт æнæмæнгхъæуæг æрмæг ахуыртæ ауадзынæн балхæдтой президенты фонды фæрæзтæй, науæд та сæ радта "Роспотребнадзор"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 июл — Sputnik, Козаты Диана. "Югосетпотребнадзор" баххæст кодта коронавирусы инфекци рабæрæг кæныны тест-системæты фæстауæрц, фехъусын кодта COVID-19 ныхмæ тохы оперативон штабы рабадты рæстæджы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Хуссар Иры нæй коронавирусæй ног рынчынтæ

Уымæй размæ оперативон штабы рабадты рæстæджы уагдоны хистæры хæдивæг Гаглойты Анна загъта, республикæ кæй тыхсы коронавирусы инфекци рабæрæг кæныны тест-системæты хъуагдзинадæй.

Уæд æххуысы къух фæдаргъ кодтой Цæгат Ирыстон æмæ клинико-диагностон лаборатори "Гемотест".

"Республикæ райста хардзы æрмæг æмæ тест-системæтæ, кæцытæ æлхæд æрцыдысты президентон фонды фæрæзтæй, науæд та сæ радта "Роспотребнадзор". Ӕрмæг фаг ис, аххæсдзысты мæй æмæ æрдæджы онг", - хъусын кæны Коцты Маринайы ныхæстæ хицауады пресс-службæ.

Хицауады сæрдар Пухаты Эрик та ма иу хатт зæрдыл æрлæууын кодта æппæт нормæтæ æххæст кæнын коронавирусы парахат ма руадзыны нысанæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, бантыст стыр куыст бакæнын, уый фæрцы Хуссар Ирыстоны COVID-19 нæ парахат.