Хуссар Иры къухдариуӕгад феддӕдуар кодта Гуырдзыстонмӕ Азербайджаны райгуыргӕ сылгоймаджы

Сылгоймаг уыд амалиуӕггӕнӕг, ӕмӕ ӕнӕзакононӕй куыста Хуссар Ирыстоны территорийыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад феддӕдуар кодтой Азербайджаны райгуыргӕ сылгоймаджы Гуырдзыстонмӕ, уымӕн ӕмӕ уый ӕнӕзакононӕй уыд республикӕйы территорийыл.

ПӔК: Гуырдзыстон ӕмӕ Евроцӕдисы минӕвӕрттӕ фехӕлдтой Хуссар Иры арӕны режим

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй сылгоймаджы рабӕрӕг кодтой фӕсарӕйнаг ӕмбӕстӕгты ӕнӕлегалон миграци ма ‘руадзыны фӕдыл мадзӕлтты рӕстӕджы.

"Сбӕрӕг кодтой Гуырдзыстоны ӕмбӕстаг сылгоймаджы, кӕцы райгуырд Азербайджаны. Сылгоймаг ӕнӕзакононӕй уыд Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕмӕ архайдта базарадон фадыджы амалиуӕггӕнӕгӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Фӕсарӕйнаг ӕмбӕстаджы феддӕдуар кодтой республикӕйы территорийӕ дыццӕджы, 7 июлы "Паддзахадон арӕны режим фехалыны фӕдыл" статьямӕ гӕсгӕ.