Хуссар Иры райдыдтой маневртӕ Уӕрӕсе ӕмӕ республикӕйы ӕфсӕддонты хайадистӕй

Уӕрӕсейаг фарсӕй ахуырты хайад исынц 3,5 мин ӕфсӕддонӕй фылдӕр, афтӕ ма хӕцӕнгарз ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйы 800 иуӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы дӕлхайӕдтӕ райдыдтой дыууӕварсон батальонон-тактикон ахуыртӕ, ӕфсӕддонтӕ ацыдысты тренировкӕтӕ ауадзыны бынатмӕ, хъусын кӕны цыппӕрӕмы Уӕрӕсейы Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ, кӕцыйы сконды ис республикӕйы дислокацигонд 4-ӕм базӕ.

"Ахуыртӕ райдыдтой дӕлхайӕдты фӕдисы сыстын кӕнынӕй. Ӕфсӕддонтӕ райстой хӕцӕнгарз ӕмӕ экипировкӕ, бацӕттӕ кодтой техникӕ ӕмӕ ацыдысты тренировкӕтӕ ауадзыны бынатмӕ", - банысан кодтой зылды пресс-службӕйы.

Ахуырты фыццаг этапыл дӕдхайӕдтӕ ӕмӕ штабтӕ басгӕрстой иумӕйаг архӕйдтытӕ хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнынӕн, бафтыдта Хуссар ӕфсӕддон зылды минӕвар.

Хуссар Иры райдыдтой маневртӕ Уӕрӕсе ӕмӕ республикӕйы ӕфсӕддонты хайадистӕй

Ахуырты хайад исынц 3,5 мин уӕрӕсейаг ӕфсӕддонӕй фылдӕр, афтӕ ма хӕцӕнгарз ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕйы 800 иуӕджы. Афтӕ ма ахуырты хайад исынц Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты ӕфсӕддонтӕ, сӕ нымӕц бӕрӕг нӕу.