Хуссар Иры ӕрцахстой арӕнсӕттӕджы Гуырдзыстонӕй ӕмӕ йӕ бакодтой карантины

Республикӕйы ПӔК Арӕнгӕрон службӕ ӕрцахста Гуырдзыстоны Горийы муниципалитеты цӕрӕджы къуырийы размӕ, радзырдтой комитеты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕрцахстой Гуырдзыстонимӕ арӕн фехалӕджы, нӕлгоймаджы бакодтой карантины, хъусын кӕны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Хуссар Иры къухдариуӕгад феддӕдуар кодта Гуырдзыстонмӕ Азербайджаны райгуыргӕ сылгоймаджы

Горийы муниципалитеты Меджврисхевийы хъӕуы цӕрӕджы ӕрцахстой арӕн хъахъхъӕнджытӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны режим фехалыны тыххӕй майрӕмбоны, 3 июлы, республикӕйы Цхинвалы районы цӕрӕг пункт Адзысӕры цур.

"Ныртӕккӕ арӕнсӕттӕджы сизоляци кодтой ӕмӕ йӕ арвыстой карантинмӕ, цӕмӕй ма ’руадзой коронавирусы апарахат", - банысан кодтой Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты пресс-службӕйы.

Уагдоны бафтыдтой, Арӕнгӕрон службӕ кӕй уадзы равзӕрстытӕ ацы цауы фӕдыл.